Ахсджиаг бон: Хуссар Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз

Ацы аз республикӕйы 51 скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 650-ӕй фылдӕр фыццагкъласоны, уыдонӕй 78 райсдзӕн Цхинвалы 6-ӕм скъола
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ног ахуыры аз Хуссар Ирыстоны ӕппӕт скъоладзаутӕн дӕр суыдзӕн уӕлдай амондджын ӕмӕ зӕрдылдарӕндӕр, загъта Ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса Цхинвалы 6-ӕм скъолайы цытджын линейкӕйы.
Цхинвалы районы скъолатӕ цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ
Ахуыры аз Хуссар Ирыстоны 2018 азӕй фӕстӕмӕ райдайы фӕстӕдӕр Беслӕны трагедийы фӕдыл фыдохы бонты тыххӕй. Улӕфт бонты тыххӕй ацы аз Зонындзинӕдты бон банысан кодтой 6 сентябры. 
Гаглойты Элиса рагъта йӕ фӕндиӕгты, цӕмӕй абон скъолайы къӕсӕрӕй цы сывӕллӕттӕ бахызтызты, уыдон ахуыр кӕной иттӕг хорз нысӕнттыл ӕмӕ фидӕны суой хорз адӕм.
"Ацы аз мах ахиздзыстӕм ӕппӕт зындзинӕдты сӕрты дӕр ӕмӕ ахуыры азы кӕроныл сӕмбӕлдзыстӕм хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ", - загъта уый ӕмӕ ахуырдзаутӕн йӕ цӕст бауарзта хорз нысӕнттӕ ӕмӕ стыр ӕнтыстытӕ.
Мадзал адарддӕр ис чысыл концертӕй. Скъолайы директор Бедойты Элеонора схорзӕхджын кодта педколлектив ӕмӕ кӕцыдӕр ныййарджыты грамотӕтӕй.
Ацы аз республикӕйы 51 скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 650-ӕй фылдӕр фыццагкъласоны, уыдонӕй 78 райсдзӕн Цхинвалы 6-ӕм скъола.