Хуссар Иры ӕмӕ Абхазы экологион организацитӕ сцайдагъ кодтой ӕмгуыстад

Студенттӕ ӕмӕ фӕсивӕд, кӕцытӕ ӕмгуыст кӕнынц "Зеленая Алания"-имӕ ацуӕдзысты сабаты, цыппар боны дӕргъы уыдзысты Абхазы уазджытӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы республикӕйы экологион организацитӕ сцайдагъ кодтой ӕмгуыстад, фехъусын кодта Sputnik "Зеленая Алания"-йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ.
"Абхазы экологион организаци "Скауты Абхазии" цӕуынц балцыты ӕмӕ сӕ маршуттӕ фидар кӕнынц, фӕндагыл цы нахуыр зайӕгойы ӕмбӕлы, уыдоныл та бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрынц. Стӕй маршут бавдисынц туризмы управленимӕ. Уыдон нӕ фӕхуыдтой сӕ фӕлтӕрддзинад фенынмӕ", - загъта уый.
Быроны хуызтӕ хицӕнтӕй: Хуссар Иры ацӕудзӕн экологон акци-зиу
Хуссар Ирыстоны делегаци ацӕудзӕн сабаты дыууадӕс адӕймаджы скондӕй.
"Студенттӕ ӕмӕ фӕсивӕд, кӕцытӕ ӕмгуыст кӕнынц "Зеленая Алания"-имӕ ацуӕдзыстӕм сабаты. Цыппар боны уыдзыстӕм уым. Фендзыстӕм "Ботанический сад" ӕмӕ сараздзыстӕм чысыл балц ӕмӕ экскурси", - бафтыдта уый.