Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон богалтӕ - паралимпиӕгтӕн

Токиойы хъӕзтыты Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан ядро ӕхсынӕй, Къобесты Чермен та ссис бронзӕйон майданы хицау 400 метры лидзынӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Токиойы Паралимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау ӕмӕ призеримӕ Хынцӕгты Альберт ӕмӕ Къобесты Черменимӕ.
Владимир Путин схорзӕхджын кодта Хынцӕгты Альберты Хӕлардзинады орденӕй
"Ӕхсызгон мын у райсын сымах Хуссар Ирыстоны, сымах стут чемпионтӕ, кӕцытӕ, фыццаджыдӕр, фӕуӕлахиз стут уӕхиуыл. Сымах сарӕзтат ӕнхъӕл уӕ цы нӕ уыдысты, уый", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент банысан кодта, уыдон кӕй ссисты цӕвиттон бирӕ адӕмӕн.
Хынцӕгты Альберт бахахх кодта, тынг ахсджиаг йын кӕй у йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ирӕтты ӕнцой.
"Мӕнӕн ахсджиаг нӕу, Хуссар ӕмӕ Цӕгат, - Ирыстон мӕнӕн у иу. Ӕмӕ пьедесталыл куы лӕууын, уӕд сӕрыстыр вӕййын мӕ фыдыбӕстӕйӕ", - загъта чемпион.
Къобесты Чермен сразы йе ‘мгаримӕ ӕмӕ бафтыдта, хъусдард уыдонӕн ахсджиагдӕр кӕй у майдантӕй.
 
"Махӕн Олимпиадӕйы фадат нӕ уыд схӕцын уӕрӕсейаг тырысайыл, фӕлӕ схӕцыдыстӕм ирон тырысайыл", - банысан кодта уый.
1 / 3
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
2 / 3
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
3 / 3
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
Спортсментӕ райстой президентӕй бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ – Хӕларады Ордентӕ. Президент йӕ къух ӕрфыста паралимпиаг майдантыл – Уӕрӕсейы президент Владимир Путины къухфысты цур.
Токиойы хъӕзтыты Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан ядро ӕхсынӕй, Къобесты Чермен та ссис бронзӕйон майданы хицау 400 метры лидзынӕй.