Хуссар Иры сарӕзтой ипподром низӕфхӕрд сабитӕн

Бӕхджын фӕзуат ӕнӕаргъӕй исдзӕн низӕфхӕрд сывӕллӕтты - уый уыд сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджыны домӕн, кӕцыйы фӕндӕй сӕрӕзтӕуыд ипподром
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Джеры комы октябры райдайӕны йӕ уазджытӕ исын райдадзӕн ног ипподром. Фыццаг рады уый арӕзт ӕрцыд низӕфхӕрд сабиты реабилитацийӕн, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.
Хуссар Иры сарӕзтой ипподром низӕфхӕрд сабитӕн
Арӕзтад цыд президент Бибылты Анатолийы финансон ӕххуысӕй.
"Хорз хъуыддагӕн ӕрӕвӕрдтам бындур. Ипподром бакӕндзыстӕм октябры райдайӕны, куыд нӕ фӕндыд афтӕ рацыд, ныридӕгӕн ӕфснайд цӕуы йӕ территори. Иумӕйагӕй исгӕйӕ та дзы нырма бирӕ гӕнӕн ис саразын, дыууӕ-ӕртӕ азы бахъӕудзӕн, цӕмӕй дзы сырӕза, Уӕрӕсейы цы ипподромтӕ ис, уыдон ӕнгӕс", - загъта  Цхуырбаты Татьяна.
Уый ма бафтыдта, ипподром гом кӕй уыдзӕн алкӕмӕн дӕр. 
"Ӕмрӕстӕджы ум кусы бӕхыл бадыны скъола дӕр. Йӕ бардарӕг Къӕбулты Ренатмӕ ис райрӕзты фӕндтӕ ӕмӕ ацы кьуым хуыздӕрӕй-хузыдӕр кӕндзӕн", - бафтыдта уый.
Хуссар Иры сарӕзтой ипподром низӕфхӕрд сабитӕн
Объект арӕзт ӕрцыд Къӕбулты Хъазбеджы номыл бӕхты бадыны центр "Сидуг"-ы бындурыл. Центр уӕвынад кӕны 2019 азӕй фӕстӕмӕ Джеры комы ӕдзӕрӕг хъӕутй иуы.