ЦХИНВАЛ, 22 сен – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы дыууӕкъуырион карантиныл сӕхгӕдтой фӕндзӕм скъола коронавирусы тыххӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады пресс-службӕйы.
Уагдоны банысан кодтой, коронавирусӕй рынчынтӕй кӕй ис ӕрмӕст ахуыргӕнджытӕ нӕ, фӕлӕ ахуырдзауты хсӕн дӕр. Уый размӕ скъолайы сӕхгӕдтой цалдӕр къласы.
"Скъолайы февзӕрдӕр ис эпидемиологон уавӕр. Кӕцыдӕр кълӕсты сӕхгӕд нӕ бандӕвта уавӕрыл, уымӕ гӕсгӕ Югосетпотребнадзоры барфыстӕй рахастӕуыд скъуыддзаг, цӕмӕй ӕруромой ахырадон процесс дыууӕ къуыримӕ", - бахахх кодтой пресс-службӕйы.
Ахуырадон уагдон нывӕнды рахизын штатон куыстмӕ 30 сентябры.