Хуссар Иры скъолатӕй иу сӕхгӕдтой карантиныл коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы фӕндзӕм скъола
Цхинвалы фӕндзӕм скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы ӕхгӕд сты цалдӕр къласы скъолаты, афтӕ ма къордтӕ сабидӕтты
ЦХИНВАЛ, 22 сен – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы дыууӕкъуырион карантиныл сӕхгӕдтой фӕндзӕм скъола коронавирусы тыххӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады пресс-службӕйы.
Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2021
Хъыгдары ахуырадон процесс: столицӕйы администрацийы радзырдтой скъолаты карантины тыххӕй
Уагдоны банысан кодтой, коронавирусӕй рынчынтӕй кӕй ис ӕрмӕст ахуыргӕнджытӕ нӕ, фӕлӕ ахуырдзауты хсӕн дӕр. Уый размӕ скъолайы сӕхгӕдтой цалдӕр къласы.
"Скъолайы февзӕрдӕр ис эпидемиологон уавӕр. Кӕцыдӕр кълӕсты сӕхгӕд нӕ бандӕвта уавӕрыл, уымӕ гӕсгӕ Югосетпотребнадзоры барфыстӕй рахастӕуыд скъуыддзаг, цӕмӕй ӕруромой ахырадон процесс дыууӕ къуыримӕ", - бахахх кодтой пресс-службӕйы.
Ахуырадон уагдон нывӕнды рахизын штатон куыстмӕ 30 сентябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0