РБМЦ дохтыртӕ райстой ӕмбӕстӕгты Ленингоры районы

Специалистты хсӕн, кӕцытӕ басгӕрстой ӕмбӕстӕгты, уыдысты УЗИ-диагностикӕйы дохтыр, офтальмолог ӕмӕ отоларинголог
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Столицӕйы дохтыртӕ райстой ӕмбӕстӕгты Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй профилактикон медицинон басгӕрсты фӕлгӕтты РБМЦ специалистты къорды арвыстой Ленингоры поселокмӕ.
Дӕсгай пациенттӕ ӕрбацыдысты Хуссар Иры рынчындонмӕ ӕрхонгӕ онкоспециалисттӕм
"Офтальмолог басгӕрста 40 адӕймаджы, ЛОР-дохтыр та – 35 адӕймаджы. УЗИ-диагностикӕйы дохтыр сарӕзта 80 иртӕсты", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Ӕмбӕстӕгты, кӕцыты хъӕуы бӕрзонд технологион хоскӕнынад, арвитдзысты нывӕзтмӕ гӕсгӕ дарддӕры медицинон ӕххуыс райсынмӕ.
Ныртӕккӕ министрад аразы республикӕйы ӕмбӕстӕгты диспансерон медицинон басгӕрстты ног системӕ.
Сентябры райдайӕны Республикон бирӕпрофилон медицинон центры медикты уыдысты Ленингоры районы. Уӕд уыдон райстой ӕмӕ басгӕрстой сывӕллӕтты.
Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы районты цӕрджыты профилактикон багӕрсттӕ дарддӕр дӕр уадздзысты.