Хуссар Иры театры труппӕ ралӕудзӕн Дагестаны национ театрты фестивалы

Дагестаны национ театрты фестивалы архайы 19 национ театрты. Сӕ нымӕцы дард фӕсарӕнтӕй дӕр - Болгари, Сомихстон, Казахстан ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ ныццыд Дагестанмӕ национ театрты фестивалы хайад райсынмӕ. Уым сфӕлдыстадон къорд равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Спектакль сног кодтой ацы аз уалдзӕджы. Ӕвӕрд ӕрцыд Уильям Шекспиры уацмысмӕ гӕсгӕ, ирон ӕвзагмӕ йӕ раивта Джусойты Нафи.
"Фестивалы Хуссар Иры труппӕ дыццӕджы изӕры равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", - загъта уый.
Спектакль "Юлий Цезарь"-ы архайынц адӕмон артисттӕ Хаситы Вильгельм, Бибылты Сослан ӕмӕ Тъехты Василий, сгуыхт артисттӕ Джиоты Сослан, Харебаты Жан-Жак, Куымӕридтаты Батрадз ӕмӕ артист Гаглойты Эдуард.
Дагестаны национ театрты фестивалы архайы 19 национ театрты. Сӕ нымӕцы дард фӕсарӕнтӕй дӕр - Болгари, Сомихстон, Казахстан ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕй.