ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг хицауады аппараты раздӕры сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег ӕмӕ бухгалтерон управленийы разамонӕг Абайты Ландайы ныхмӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Уголовон хъуыддаг конд ӕрцыд 15 сентябры ацы аз УФ уголовон кодексs 285 статьяйы фыццаг пунктмӕ гӕсгӕ - уый хауы бюджетон фӕрӕзты ӕнӕнысанмӕ здӕхтӕй хардз кӕныны фарстмӕ. Нысан цӕуы, дзырд кӕй цӕуы 4,8 милуан сомыл.
"Ныры онг Гаглойты Олег фӕдагурӕджы сидтмӕ нӕ бацыд ӕмӕ йӕ уый тыххӕй радтой агуырдмӕ", - дзырдӕуы генералон прокуратурӕйы хъусинаджы.
Ныридӕгӕн цӕуы сгарӕн куыст.
Президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Гаглойты Олегы 2020 азы кӕрон. Уый разамынд дӕтта хицауады аппаратӕн авд азы дӕргъы - 2013 азӕй фӕcтӕмӕ.