Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕтӕ коронавирусы фӕдыл

Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 89 ног рынчыны коронавирусӕй, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ та коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 6627 адӕймагыл
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 96 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
Хуссар Иры сæйраг терапевт радзырдта, цал адæймаджы рацыд вакцинаци коронавирусы ныхмæ
"Югосетпотребнадзоры лабораторийы цыппӕрӕмы сарӕзтӕуыд 301 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 96 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1267 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 39 720 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6627. Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5360 адӕймаджы.