Нывӕзт фӕивта: дыууӕ ирон театры аргъӕвтой дыууӕварсон гастрольтӕ

Коронавирусы инфекцийы апарахаты аххосӕй Ирыстоны хуссары ӕмӕ цӕгаты дӕр дыууӕ ирон театры разамындтӕ аскъуыддзаг кодтой ахӕссын октябрьмӕ нывӕзтгонд равдысттӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон паддзахадон драмон театр ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ирон театр аргъӕвтой дыууӕварсон гастрольтӕ, кӕцытӕ фӕнд кодтой ауадзын Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонмӕ, фехъусын кодта Sputnik ПДТ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
"Сӕвзӕргӕ уавӕры Цӕгат Ирыстоны ирон театры разамындимӕ аскъуыддзаг кодтам, коронавирус  кӕй сытынг ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ равдысттӕ фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвын", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Равдысттæ æмæ Къостайы бон: ирон театртæ равдисдзысты спектакльтæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры, кӕцы хӕссы Хетӕгкаты Къостайы ном, банысан кӕндзысты генийы райгуырӕн бон.
"Спектакль "Къоста"-йы режиссёр Роман Габрия ис Цхинвалы, кусы ам йӕ спектаклыл. 15 октябры йӕ равдисдзыстӕм", - бафтыдта уый.
Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонмӕ дыууӕ ирон театр фӕнд кодтой равдисын спектакльтӕ "Къоста" ӕмӕ "Фатимӕ" Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы.