Равдысттæ æмæ Къостайы бон: ирон театртæ равдисдзысты спектакльтæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Наталья АйриянИрон театртæ равдисдзысты спектакльтæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы
Ирон театртæ равдисдзысты спектакльтæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2021
Рафыссын
Гастрольты фӕдыл разыдзинад сфидар кодтой дыууӕ ирон театры аивадон къухдариуӕггӕнджытӕ Дзудцаты Тамерлан ӕмӕ Уалыты Гиви
ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ирон театртӕ ауадздзысты дыууӕварсон равдысттӕ Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, фехъусын кодта Sputnik уагдоны аивадон разамонӕг Дзудцаты Тамерлан.
Хуссар Иры театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Хуссар Иры театр байгом кӕндзӕн ног сезон
Гастрольты фӕдыл разыдзинад сфидар кодтой дыууӕ ирон театры аивадон къухдариуӕггӕнджытӕ Дзудцаты Тамерлан ӕмӕ Уалыты Гиви.
"Сентябры разыдзинад йӕ тыхы бацӕудзӕн - Цӕгат Ирыстоны Ирон театр равдисдзӕн 22 сентябры Цхинвалы спектакль "Ричард III". Мах та нӕхи 'рдыгӕй 29 сентябры равдисдзыстӕм Джелыты Хъазыбеджы спектакль "Дон Жуан", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Уый ма бафтыдта, дыууӕ театры ӕмгуыстад адарддӕр уыдзӕн октябры дӕр.
"Октябры равдысттӕ нывонд уыдзысты Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонӕн. 14 октябры мах равдисдзыстӕм Роман Габриайы ӕвӕрд спектакль "Къоста", уыцы бон Цӕгат Ирыстоны ирон театр та Цхинвалы ӕвдисдзӕн спектакль "Фатимӕ", - бафтыдта уый.
Дыккаг бон дыууӕ труппӕ дӕр ӕвдисдзысты сӕ спектакльтӕ бынаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0