Цӕгат Иры бакодтой цырт ирон адӕмы фыццаг геноциды лигъдӕттӕн

Мемориал конд ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы сырӕзтыл сӕдӕ азы сӕххӕсты фӕдыл бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы Ногиры хъӕуы бакодтой скульптор Зӕнджиаты Таймуразы арӕзт цырт, кӕцы нывонд у 1920 азы ирон адӕмы геноциды рӕстӕджы лигъдӕттӕн.
"Геноциды ном сӕнусон кӕнын хъӕуы хицӕнӕй, фӕлӕ хорз у, кӕй фӕзынд бынат, кӕдӕм цӕудзыстӕм геноциды мысӕн бонты ӕмӕ нӕ фыдӕлты ном ардзыстӕм", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хыз Facebook журналист Пухаты Алик.
Мемориал конд ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы сырӕзтыл сӕдӕ азы сӕххӕсты фӕдыл бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты.
"Мӕхӕдӕг дӕр Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ дӕн, мӕ мын уый тыххӕй уӕлдай ӕхсызгон уыд цырты фӕзынд", - радзырдта Sputnik Ногиры цӕрӕг Мӕлдзыгаты Алина.
Хуссар Ир бахатдзӕн дунейы ӕхсӕнадмӕ ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл
Иу ӕнусы размӕ Цӕгат Ирыстоны бындур ӕвӕрд ӕрцыд Ногиры хъӕуӕн. Ӕдзӕрӕг быдыртӕ хицӕн ӕрцыдысты ирон адӕмы фыццаг геноциды рӕстӕджы Ирыстоны хуссар хаййӕ хӕсты артӕй чи фӕлыгъд, уыдонӕн. Дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ уым ӕрбынат кодта 476 хӕдзары, цӕрджыты нымӕц хызт 8 мины онг. Уыдонӕй кӕцыдӕртӕ раздӕхтысты фӕстӕмӕ, фӕлӕ сӕ фылдӕр ӕрбынат кодтой уым.
Хуссар Ирыстоны къуым Цӕгат Ирыстоны - Ногирӕй у сӕрыстыр ӕгас Алани. Уый дунейӕн балӕвар кодта 4 олимпиаг уӕлахиздзауы - Хуыгаты Алан, Тедеты Эльбрус ӕмӕ Таймазты Артур ӕмӕ Тимур.