Хуссар Ир бахатдзӕн дунейы ӕхсӕнадмӕ ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл

© Sputnik / Алексей КовалевХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы президент банысан кодта, 1920 азы геноцид банымайыны фӕдыл куырдиӕтт кӕй барвитдзысты Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм

ЦХИНВАЛ, 7 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстон бахатдзӕн республикӕйы чи банымадта, уыцы бӕстӕтӕм, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО-мӕ, цӕмӕй банымайой 1920 азы ирӕтты геноцид, фехъусын кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий.

"Мах, сӕйраджыдӕр, барвитдзыстӕм куырдиӕттӕ бӕстӕтӕм, кӕцытӕ банымадтой нӕ хӕдбардзинад. Уымӕй дарддӕр ма барвитдзыстӕм документтӕ Евроцӕдисмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы реакцимӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ уӕддӕр барвитдзыстӕм ӕрмӕджытӕ Евроцӕдис ӕмӕ ИНО-мӕ", - фехъусын кодта Бибылты Анатолий РИА Новости.

Президент бафтыдта, зӕгъгӕ уый нывӕндынц сӕххӕст кӕнын иннӕ аз геноциды афӕдзы бонмӕ – фарсты фӕдыл ӕрдзурдзысты фӕззӕджы, Хуссар Ирыстоны парламент улӕфтӕй куы рахиза, уӕд.

Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирӕтты геноцид банымайыны куырдиатмӕ ӕркӕсдзысты УФ Думӕйы ӕввахсдӕр советыл

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны депутаттӕ барвыстой куырдиат ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕмӕ Федерацийы Советмӕ. Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта, Думӕйы Совет кӕй ӕркӕсдзӕн куырдиатмӕ ӕввахсдӕр рабадтыл.

Уӕрӕсейы Федерацийы сӕргълӕууӕг Владимир Путин бахахх кодта, зӕгъгӕ, кӕд Гуырдзыстоны къухдариуӕгады фӕнды хорз ахастытӕ дарын Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ, уӕд уыдон хъуамӕ хорз зониккой сӕ ахастыты истори. Уӕрӕсейаг президент банысан кодта гуырдзиаг ӕфсӕдты ӕвирхъау архайд Ирыстоны 1919 ӕмӕ 1920 ӕзты ӕмӕ бафтыдта, уый кӕй хуыйны геноцид.

Ног хабӕртты лентӕ
0