Хуссар Иры районон уагдӕтты хъармгӕнӕн сезонмӕ сифтонг кӕндзысты сугӕй

Республикӕйы Хъӕды хӕдзарадмӕ бацыд куырдиӕттӕ ӕртӕ районӕй - Ленингоры районӕй дарддӕр аннӕтӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртӕ районы паддзахадон уагдӕтты сифтонг кӕндзысты зымӕгон сезонмӕ сугӕй. 
Хуссары Иры ӕххуысхъуаг бинонты зымӕгмӕ сифтонг кӕндзысты сугӕй 
"Ацы аз куырдиӕттӕ райстам ӕрмӕст ӕртӕ районӕй - Цхинвал, Знауыр ӕмӕ Дзауӕй. Хъармгӕнӕн сезонмӕ банысангонд районты скъолатӕ ӕмӕ паддзахадон уагдӕттӕ ифтонг ӕрцӕудзысты сугӕй", - загъта хъӕды хӕдзарады хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Инал. 
Уый ма бафтыдта, суг калд кӕй цӕуы афтӕ, цӕмӕй хъӕд хъыгдард ма рцӕуа.
Уымӕй размӕ уагдон фехъусын кодта, ӕххуысхъуаг бинонты ӕппӕт республикӕйы кӕй сифтонг кӕндзысты сугӕй.