Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг ис 120 ног рынчыны коронавирусӕй

Республикӕйы пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц ахызт авд минӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 120 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
"Нӕ лабораторийы дыццӕджы сарӕзтӕуыд 295 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 120 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 40 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1537 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 41 143 иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 7067. Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5530 адӕймаджы.