https://sputnik-ossetia.com/20211013/Khussar-Iry-urkh-knynts-syrkh-zon-koronavirusy-rynchynty-nymtsy-ffyldry-tykhkhy-12938528.html
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Коронавирусӕй рынчынтӕ хос кӕнынц РБМЦ инфекцион рынчындоны, кӕцыйы "сырх зонӕйы" ис 90 пациенты бынат 13.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-13T11:17+0300
2021-10-13T11:17+0300
2021-10-13T11:04+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/13/11304818_0:34:1290:760_1920x0_80_0_0_0bae07e3c94f2d24e443275759030637.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта бакӕнын уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион рынчындоны "сырх зонӕйы" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.Министр банысан кодта, коронавирусӕй рынчынтӕн уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ бакӕндзысты рынчындоны ӕртыккаг уӕладзыгыл. Наниты Сослан басгӕрста инфекцион рынчындоны "сырх зонӕ" ӕмӕ радта фӕдзӕхсттӕ дохтыртӕн.Уагдоны банысан кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс кӕй кӕнынц рӕстӕгыл."Рынчындоны пациенттӕн бынӕттӕ гӕнӕн ис фӕфылдӕр кӕнын 120 онг", - загътой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.РБМЦ "сырх зонӕйы" ӕртыццӕджы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ хоскӕнынад цӕуынц 89 пациенты коронавирусимӕ, афтӕмӕй инфекцион рынчындоны ӕдӕппӕт ис 90 бынаты.
https://sputnik-ossetia.com/20211012/Leningory-rayony-fyldry-fyldr-kny-koronavirusy-rynchynty-nymts-12934982.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/13/11304818_10:0:1290:960_1920x0_80_0_0_6ed94777dda72a76ad62ac69bccc1eb8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры уӕрӕх кӕнынц "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй
Коронавирусӕй рынчынтӕ хос кӕнынц РБМЦ инфекцион рынчындоны, кӕцыйы "сырх зонӕйы" ис 90 пациенты бынат
ЦХИНВАЛ, 13 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта бакӕнын уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион рынчындоны "сырх зонӕйы" коронавирусӕй рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Министр банысан кодта, коронавирусӕй рынчынтӕн уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ бакӕндзысты рынчындоны ӕртыккаг уӕладзыгыл. Наниты Сослан басгӕрста инфекцион рынчындоны "сырх зонӕ" ӕмӕ радта фӕдзӕхсттӕ дохтыртӕн.
Уагдоны банысан кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс кӕй кӕнынц рӕстӕгыл.
"Рынчындоны пациенттӕн бынӕттӕ гӕнӕн ис фӕфылдӕр кӕнын 120 онг", - загътой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
РБМЦ "сырх зонӕйы" ӕртыццӕджы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ хоскӕнынад цӕуынц 89 пациенты коронавирусимӕ, афтӕмӕй инфекцион рынчындоны ӕдӕппӕт ис 90 бынаты.