Цхуырбаты Тамерлан: Гуыцмӕзты Петр лӕвар кодта йӕ хъармдзинад студенттӕн

Нывгӕнӕг Цхуырбаты Тамерлан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, цахӕм нывгӕнӕг ӕмӕ адӕймаг уыд Гуыцмӕзты Петр, уый тыххӕй
Sputnik
Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Гуыцмӕзты Петрыл ацы аз сӕххӕст уыдаид 80 азы. Цхуырбаты Тамерлан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Петрӕн йӕ иууыл стырдӕр хӕрзиуӕг уыд, йӕ хъармдзинад кӕй лӕвар кодта студенттӕн, уый мидӕг.
"Ӕз Петр Дмитры фыртыл фембӕлдтӕн Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны куы ахуыр кодтон 1980-ӕм азты, уӕд. Нӕ ахуыргӕнӕг уыд. Йӕ ныхасӕн ын аргъ кодтой, йӕ алыварс цы нывгӕнджытӕ уыд, уыдон иууылдӕр", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуыцмӕзты Петр ӕнтысджынӕй фӕцис каст Тбилисы нывгӕнӕн академи, ӕмӕ уым цы зонындзинӕдтӕ райста, уыдон нӕ хӕлӕг кодта дарддӕр йӕ студенттӕн раттын.
"Студентӕн йӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ хъуамӕ райса ахуыргӕнӕгӕй, уый цыдӕриддӕр амоны, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ стӕй рализаци кӕна йӕ аивады", - банысан кодта нывгӕнӕг.
Цхуырбаты Тамерлан ма радзырдта, Гуыцмӕзты Петр иумӕйаг равдыстыты кӕй иста алыхатт дӕр активон хайад.