https://sputnik-ossetia.com/20211013/Tskhuyrbaty-Tamerlan-Guytsmzty-Petr-lvar-kodta-y-kharmdzinad-studenttn-12923492.html
Цхуырбаты Тамерлан: Гуыцмӕзты Петр лӕвар кодта йӕ хъармдзинад студенттӕн
Цхуырбаты Тамерлан: Гуыцмӕзты Петр лӕвар кодта йӕ хъармдзинад студенттӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывгӕнӕг Цхуырбаты Тамерлан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, цахӕм нывгӕнӕг ӕмӕ адӕймаг уыд Гуыцмӕзты Петр, уый тыххӕй 13.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-13T16:17+0300
2021-10-13T16:17+0300
2021-10-13T14:30+0300
радио иронау
радио
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/726/77/7267752_0:0:2999:1696_1920x0_80_0_0_e1926ecf715655c0eb979105413aa9d5.jpg
Цхуырбаты Тамерлан: Гуыцмӕзты Петр лӕвар кодта йӕ хъармдзинад студенттӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхуырбаты Тамерлан: Гуыцмӕзты Петр лӕвар кодта йӕ хъармдзинад студенттӕн
Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Гуыцмӕзты Петрыл ацы аз сӕххӕст уыдаид 80 азы. Цхуырбаты Тамерлан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Петрӕн йӕ иууыл стырдӕр хӕрзиуӕг уыд, йӕ хъармдзинад кӕй лӕвар кодта студенттӕн, уый мидӕг.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуыцмӕзты Петр ӕнтысджынӕй фӕцис каст Тбилисы нывгӕнӕн академи, ӕмӕ уым цы зонындзинӕдтӕ райста, уыдон нӕ хӕлӕг кодта дарддӕр йӕ студенттӕн раттын."Студентӕн йӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ хъуамӕ райса ахуыргӕнӕгӕй, уый цыдӕриддӕр амоны, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ стӕй рализаци кӕна йӕ аивады", - банысан кодта нывгӕнӕг.Цхуырбаты Тамерлан ма радзырдта, Гуыцмӕзты Петр иумӕйаг равдыстыты кӕй иста алыхатт дӕр активон хайад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/726/77/7267752_0:0:2999:1884_1920x0_80_0_0_7a0ebbab184b7692e1f46e46c75bff38.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , радио
Цхуырбаты Тамерлан: Гуыцмӕзты Петр лӕвар кодта йӕ хъармдзинад студенттӕн
Нывгӕнӕг Цхуырбаты Тамерлан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, цахӕм нывгӕнӕг ӕмӕ адӕймаг уыд Гуыцмӕзты Петр, уый тыххӕй
Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Гуыцмӕзты Петрыл ацы аз сӕххӕст уыдаид 80 азы. Цхуырбаты Тамерлан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Петрӕн йӕ иууыл стырдӕр хӕрзиуӕг уыд, йӕ хъармдзинад кӕй лӕвар кодта студенттӕн, уый мидӕг.
"Ӕз Петр Дмитры фыртыл фембӕлдтӕн Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны куы ахуыр кодтон 1980-ӕм азты, уӕд. Нӕ ахуыргӕнӕг уыд. Йӕ ныхасӕн ын аргъ кодтой, йӕ алыварс цы нывгӕнджытӕ уыд, уыдон иууылдӕр", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуыцмӕзты Петр ӕнтысджынӕй фӕцис каст Тбилисы нывгӕнӕн академи, ӕмӕ уым цы зонындзинӕдтӕ райста, уыдон нӕ хӕлӕг кодта дарддӕр йӕ студенттӕн раттын.
"Студентӕн йӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ хъуамӕ райса ахуыргӕнӕгӕй, уый цыдӕриддӕр амоны, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ стӕй рализаци кӕна йӕ аивады", - банысан кодта нывгӕнӕг.
Цхуырбаты Тамерлан ма радзырдта, Гуыцмӕзты Петр иумӕйаг равдыстыты кӕй иста алыхатт дӕр активон хайад.