Хуссар Иры нысан кӕнынц Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон

Фыссӕг, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг йӕ мӕлӕтӕй ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ дӕр ирон адӕмы хсӕн у иууыл зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр гоймаг
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны дзыллӕ хуссары ӕмӕ цӕгаты дӕр майрӕмбоны, 15 октябры нысан кӕны Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон.
Къоста – сæууон стъалы, тæмæнкалгæ хур: ахуыргæнæг ирон генийы тыххæй
Фыссӕг, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг йӕ мӕлӕтӕй ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ дӕр ирон адӕмы хсӕн у иууыл зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр гоймаг.
Къостайы райгуырӕн бон ӕнӕ нысан никуы ацӕуы. Генийы цыртытӕм фӕхӕссынц дидинтӕ, ӕнустӕм актуалон ӕмдзӕвгӕтӕ сты ахуыргӕнӕн нывӕзтты, сценӕйыл ӕвӕрд цӕуынц йӕ уацмыстӕ.
Фыссӕджы райгуырӕн боны Цхинвалы йӕ цыртмӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр равдисдзӕн спектакль. Мысӕн мадзӕлттӕ ацӕуыдзысты скъолатӕ ӕмӕ уагдӕтты.
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны аивад ӕмӕ литературӕйы фадыджы дӕр абон иууыл ахадгӕдӕр премитӕй иу у Хетӕгкаты Къостайы номыл преми. Уынгтӕ ӕмӕ йын цыртытӕ ис Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы алы къуымты, йӕ ном хӕссынц скъолатӕ, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ. Йӕ ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгондтӕ тӕлмац цӕуынц ӕндӕр ӕвзӕгтӕм абон дӕр.