Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ хайад райстой менталон арифметикӕйӕ олимпиадӕйы Уӕрӕсейы

Фондз сывӕллоны менталон арифметикӕйы хуссарирыстойнаг скъола "Tesla"-йӕ райстой ӕртыккаг бынӕттӕ олимпиадӕйы, кӕцы ацыд Санкт-Петербурджы. Хайад дзы истой скъоладзаутӕ Уӕрӕсейы 13 регионӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 окт – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Менталон арифметикӕйы скъола "Tesla"-йы хуссарирыстойнаг филиалы фондз ахуырдзауы хайад райстой олимпиадӕйы Санкт-Петербурджы ӕмӕ бацахстой ӕртыккаг бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik скъолайы администратор Гӕбӕраты Мӕдинӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, олимпиадӕйы хайад истой скъоладзаутӕ Уӕрӕсейы 13 регионӕй.
"Нӕ сывӕллӕттӕ равдыстой хорз фӕстиуджытӕ. Уанеты Валерия ӕмӕ Дмитрий, Хуриты Тимур, Ӕлборты Мария ӕмӕ Бекъойты Александра махмӕ ахуыр кӕнынц 2019 азӕй фӕстӕмӕ - скъолайы бакӕныны фыццаг бонӕй. Ныр уыдон фӕуд кӕнынц ахуыры ӕвдӕм ӕмвӕзад", - радзырдта администратор.
Уый бамбарын кодта, сывӕллӕттӕ аст минутмӕ ӕнӕрӕдыдӕй кӕй хъуамӕ сарӕзтаиккой 200 хӕслӕвӕрды.
Цхинвалы фыццаг хатт ацыд чемпионат менталон арифметикӕйӕ
Гӕбӕраты Мӕдинӕ ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, фароны карантин ӕппӕрццагӕй нӕ бандӕвта сывӕллӕтты цӕттӕдзинадыл, уымӕн ӕмӕ ахуыртӕ уагъд цыдысты дистанцион ӕгъдауӕй.
"Уымӕй дарддӕр нӕм скъолайы ис рециркулятор, пайда кӕнӕм дезинфекцигӕнӕн фӕрӕзтӕй. Афтӕ ма группӕты цъус сывӕллӕттӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уагътам ахуыртӕ кълӕсты дӕр дистанци хъахъхъӕнгӕйӕ", - загъта уый.
Скъолайы администратор ма банысан кодта, менталон арифметикӕ кӕй ӕххуыс кӕны сывӕллӕттӕн ӕрмӕст хъуыдыйы нымад базонынӕн нӕ, фӕлӕ ма хъуыдыкӕнынад фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ ӕнцондӕртӕй ахуыр кӕнынӕн.