ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны вакцинаци рацӕуыны фӕдыл сертификаттӕ нымад нӕ цӕуынц республикӕйы ӕддейӕ, ӕгӕр стӕмӕй Уӕрӕсейы дӕр кӕцы йӕхӕдӕг рауагъта коронавирусы ныхмӕ вакцинӕтӕ Спутник V ӕмӕ Спутник Лайт.
Дунейы коронавирусы инфекци куы апарахат ис, уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ бӕстӕты срӕвдз кодтой йӕ ныхмӕ вакцинӕ бацӕттӕ кӕнын куыст. Ныридӕгӕн дунейы пайда кӕнынц цалдӕр хуызӕй, популяронты нымӕцы ис Спутник-V дӕр. Ацы аз апрелы кӕрон фыццаг парти ӕрхӕццӕ ис Хуссар Ирыстонмӕ дӕр.
Вакцинаци ӕнӕ уыймӕй дӕр цыд уӕззау темтӕй, ныр ма та йӕм бафтыд ӕнӕнымады статус.
Фарсты фӕдыл уынаффӕтӕ сцайдагъ сты социалон хуызӕгты. Афтӕ темӕйы фӕдыл сӕ хъуыдытӕ дзырдтой проблемӕйыл сӕхӕдӕг чи сӕмбӕлд ахӕмтӕ.
"Мӕн хъӕуы мӕ чызджытӕм Мӕскуыимӕ. Ныр та хъусын кӕнынц Уӕрӕсейы столицӕйы кӕй кӕнынц тобӕтӕ вакцинӕ чи нӕ сарӕзта уыдонӕн. Ӕз барвӕндӕй сарӕзтой вакцинӕ. Мӕнӕн мӕ бон не ссис срегистраци кӕнын мӕхи паддзахадон лӕггӕдты сайтыл Хуссар Ирыстоны нӕ дӕттынц нырма QR- код",- дзуры Чилӕхсаты Ирина.
Вакцинаци цы адӕм цӕуы, уыдон сӕ ӕнӕниздзинад бахизынӕй дарддӕр ма ахсджиагыл нымайынц нымад сертификат райсын.
"Ӕз фылдӕр хъавыдтӕн саразын вакцинӕ, цӕмӕй сӕрибарӕй цӕуон Уӕрӕсемӕ ӕмӕ ма дунейы кӕцыдӕр бӕстӕтӕм, мӕ куыд рабӕрӕг афтӕ мын бынаты арызт вакцина нӕ фӕахъаз уыдзӕн. Цӕгат Ирыстонмӕ цӕуынмӕ та кӕнын зивӕг",- радзырды Тедеты Зӕлинӕ.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг цыдӕр бон ӕнахуыр сбирӕ сты коронавирусӕй рынчынты нымӕц, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта рауӕрӕх кӕнын "сырх зонӕ". Югосетпотребнадзор ныр ӕртӕ боны дӕргъы йӕ лабораторийы сбӕлвырд кӕны сӕдӕйӕ фылдӕр рынчыны. Ацы уавӕрты ӕгас республикӕйы ӕрмӕст минӕй чысыл фылдӕр алӕмаджы сарӕзтой вакцинӕйы фыццаг компонент, дыккаг та ноджы къаддӕр.
Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ацы фарсты фӕдыл йӕ хъуыды зӕгъын нӕ бафӕндыд.