Цхинвалы уӕззау низы фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕй Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмила. Йӕ коллегӕ ӕмӕ ӕмкъурсон Гукаты Эвелина куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Людмила уыд, 1960-ӕм азты театр чи сӕндидзын кодта, уыцы ӕвзонг артистты фӕлтӕрӕй.
"Галуанты Люда историйы баззайдзӕн. Уый уыйбӕрц уарзта аивад ӕмӕ йӕ куыст, ӕмӕ йыл-иу дис кодтой йӕ архайдыл. Люда куыд уарзта йӕ професийы, афтӕ мӕхицӕй мӕ бон нӕу загъын", - загъта Гугкаты Эвелина.
Артисткӕ ма куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Галуанты Людмилаимӕ ахуыр кодтой Мӕскуыйы МХАТ-скъола-студийы. Людмила Графы чызг ӕнтысджынӕй каст фӕци театралон ахуыргӕнӕндон.
"Пушкин, Достоевский, Чехов баззадысты уырыссаг литературӕйы классикӕйы, фӕлӕ Люда та баззайдзӕн ирон аивадон театры классикӕй", - бафиппадта уый.
Гугкаты Эвелина ма ӕрымысыд, гастролты рӕстӕджыты-иу ӕндӕр театры куысджытӕ куыд бӕллыдысты, цӕмӕй Галуанты Людмила ӕрбафта сӕ театрмӕ.