Хуссар Иры минӕвӕрттӕ радзырдтой ӕмбӕстӕгты Ӕппӕтдунейон конгрессы хайадисты тыххӕй

Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад райсын, уӕлӕмхасӕн квотӕтӕ фӕсарӕнты ахуырӕн, ног проекттӕ – уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты радон уанелы темӕтӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты Координацион советы минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕмбӕстӕгты VII Ӕппӕтдунейон конгрессы куысты. Sputnik пресс-центры уыдон радзырдтой ацы мадзалы тыххӕй.
Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты Цхинвалы лекцитӕ Нарты эпос ӕмӕ фӕсивӕдон проблемӕтыл
Мӕскуымӕ ацы аз ӕрцыдысты 400 активисты ӕмӕ ӕхсӕнадон иугондты разамонджытӕ 102 бӕстӕйӕ. Конгрессы темӕ уыд "Россия и соотечественники в меняющемся мире".
Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты ӕхсӕнадон организациты Координацион советы сӕргълӕууӕг Хъотайты Светлана банысан кодта, конгрессыл кӕй ӕркастысты фарстытӕм, кӕцытӕ баст сты уырыссаг ӕвзагӕн ӕххуыс, ӕмбӕстӕгты бастдзинад Уӕрӕсеимӕ, уырыссаг ӕвзагыл ДИФ-тӕн ӕххуыс фӕсарӕнты ӕмӕ фӕсивӕды ӕрбаздахынимӕ.
Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты Цӕдисы разамонӕг Наталья Жуйкова банысан кодта, конгрессы иууыл сӕйраг темӕтӕй сӕ иу уыд Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад.
"Уый у стыр проблемӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ куыст цӕуы, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ фӕсарӕнты райгуырды рӕстӕджы исой ӕмбӕстагад, сӕ ныййарджытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад ӕви нӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ", - загъта Жуйкова.
Проекты хайадисджытӕй ноджы иу Анжелика Буковская хайад райста секцийы, кӕцыйы темӕ уыд ног технологитӕ фӕсивӕды хъомылады.
Конгрессы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ баныхас кодтой ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕмбӕстӕгтимӕ иумӕйаг проекттыл - нывты конкурс, республикӕйы сывӕллӕттӕн балц Англимӕ.