Цӕгат Иры конкурс сбӕрӕг кодта, куыд зонынц фӕсивӕд Нарты кадджыты сусӕгдзинӕдтӕ

Конкурсы архайджытӕ сты алы факультеттæй дæр æмæ сæ сæйраг хæс у æппæт къæпхæнтæ ацæуын. Йæ сæйраг нысан – ирон æгъдæуттæ парахат кæнын æмæ сыл фæсивæды ӕфтауын
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik. Фæсивæд фыдæлты истори æмæ æгъдæуттæ куыд зонынц, уый сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Уый тыххӕй хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.
Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты Цхинвалы лекцитӕ Нарты эпос ӕмӕ фӕсивӕдон проблемӕтыл
Мадзалы фӕлгӕтты арæзт æрцыд интеллектуалон квест. Æппæт фæрстытæ дæр баст уыдысты Нарты кадджытимæ.
10 къорды архайджытӕ сты алы факультеттæй дæр æмæ сæ сæйраг хæс у æппæт къæпхæнтæ ацæуын. Нарты кадджыты сæйраг циклтæ, ирон æгъдæуттæ, кинонывтæ æмæ зарджытӕ базонын, истори æмæ бæстæзонынадӕй цæттæдзинад равдисын, лабиринт ацæуын.
Бафæлвæрдтой, ирон бæгæны куыд фыцын хъæуы, уый радзурын дӕр. Уæдæ сæ арæхстдзинад равдыстой фат æмæ æрдынæй дæр.
"Алы къæпхæны фæрстытыл дæр цыд бæстон æмæ бӕлвырд ныхас. Æрмæст афтæмæй ис фæуæлахиз уæвын. Фæсивæды ныхæстæм гæсгæ, квесты руаджы кæнынц æнгомдæр. Уый тыххӕй мадзал нымайынц кæрæдзиуыл æнувыд кæныны фæрæзыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Мадзаларазджытæ – университеты профцæдис. Йæ сæйраг нысан – ирон æгъдæуттæ парахат кæнын æмæ сыл фæсивæды ӕфтауын.
Кæронбæттæнмæ уæлахиздзаутæн бацæттæ кодтой цымыдисон æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.