Кокойты Тарзан: Галуанты Людайӕн иууыл диссаг уыд йе 'мбӕстагон позици

Парламенты раздӕры депутат, мидхъуыдтӕгты министры хӕдивӕг Кокойты Тарзаны раныхас Галуанты Людмилайӕн фӕстаг харзбон зӕгъыны церемонийы
Sputnik
Хуссар Ирыстоны аивад ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ хӕрзбон загътой Адӕмон артисткӕ, поэт Галуанты Людмилайӕн. Фыдохы митинджы церемонийы Кокойты Тарзан йӕ раныхасы банысан кодта, Людмилайӕн йе сфӕлдыстадон курдиат нырма иртӕстгонд кӕй не ‘рцыд.
"Фӕлӕ иууыл диссаг уыд йӕ ӕмбӕстагон позици. Ирыстоны сӕрмӕ сау мигътӕ куы ‘ртымбыл сты, ӕмӕ ныл гадзрахатӕй куы рацыдысты алӕрдыгӕй дӕр, уӕд хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый алчи не ‘мбӕрста. Фӕлӕ Галуанты Люда уыд, чи йӕ ‘мбӕрста, уыдонӕй", - загъта Кокойты Тарзан.
Тарзаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Галуанты Людмилайы фӕлтӕр сӕхиуыл банкъардтой ирон ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ националон традициты дӕлдзиныг.
"Диссаг уыд йӕ ныфсхаст, парламенты кусгӕйӕ афтӕ дзырдта – ныфсхастдзинад дам у уӕлахизӕн йе ‘мбис", - банысан кодта Кокойты Тарзан.
Уый ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Людмила Графы чызг ӕмбӕрста, сӕрибардзинад кӕй никуы вӕййы лӕварӕй дӕтгӕ.