Остъаты Алан: геноциды темӕйыл пьесӕйӕн ӕрмӕг ӕмбырд кодтон хистӕр адӕмы мысинӕгтӕй

Фыссӕг, журналист Остъаты Алан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон адӕмы геноцидыл цы пьесӕ ныффысста, ууыл
Sputnik
Паддзахадон драмон театр ирон адӕмы геноциды амӕттӕгтыл цӕттӕ кӕны Остъаты Аланы фыст пьесӕ "Фӕстаг ӕвдисӕн". Карантинон мадзӕлттӕ бахъыгдардтой 2020 азы равдисын ацы спектакль, авторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕхӕдӕг дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы ацы премьерамӕ.
"Спектаклы хайад исынц 64 актеры - ныхас кӕмӕн ис, уыдон, ӕнӕ массовкӕйӕ нымайгӕйӕ, ӕмӕ уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд ӕй адӕм фендзысты", - загъта Алан.
Фыссӕджы ныхӕсӕм гӕсгӕ, спектаклы ӕвдыст цӕуы нӕ историйы ахсджиагдӕр хай, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хъӕуы лӕмбынӕгӕй ӕрӕвналын, суанг актерты дарӕс ӕмӕ сценӕйы ифтонгадӕй.
"Гуырдзы кӕй ныццагътой, уыцы фысджытӕ: Хъуылаты Созырыхъо, Гаглойты Рутен ӕмӕ ӕндӕртӕ, уыдон цы ныффыстой, ӕмӕ нӕм уыдонӕй цы баззад, уымӕй дарддӕр советон дуджы фысджытӕ ницы ныууагътой аивадон уацмысы хуызы. Уыдонӕн дӕр бамбарӕн ис, уӕд ахӕм идеологи уыд, фӕлӕ ӕз фӕхъуыды кӕнын, уӕды фысджытӕ сусӕгӕй уӕддӕр цӕмӕннӕ исты ӕрмӕджытӕ ӕмбырд кодтой, чи зоны нымудзынӕй тарстысты", - бафиппайдта Остъаты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕджытӕ ссарын уыд тынг зын, ӕмӕ фылдӕр пайда кодта хистӕр кары адӕмӕй цы мысинӕгтӕ хъуыста, уыдонӕй.