Цӕгат Иры иу суткӕмӕ COVID-19 ахаста ноджы 11 адӕймаджы цард

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны дыккаг суткӕ фӕд-фӕдыл фиксации кӕнынц 11 мӕлӕты цауы коронавирусы аххосӕй. Пандемийы райдианӕй вирусӕй амардысты 1016 адӕймаджы.
Цӕгат Иры бакодтой ӕнӕмӕнг вакцинаци паддзахадон службӕгӕнджытӕн
Фӕстаг суткӕ республикӕйы ногӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц та схызт 100 онг. Низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ та дзы ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 25427 адӕймаджы. Цӕгат Ирыстоны стационарты хос кӕнынц 1093 пациенты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 тынгдӕр кӕм апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы фӕндзӕм бынат АИШ, Инди, Британи ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ. Уӕрӕсейы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 8 392 697 адӕймаджы.