Цӕгат Иры иу суткӕмӕ COVID-19 ахаста ноджы 11 адӕймаджы цард

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны дыккаг суткӕ фӕд-фӕдыл фиксации кӕнынц 11 мӕлӕты цауы коронавирусы аххосӕй. Пандемийы райдианӕй вирусӕй амардысты 1016 адӕймаджы.
Цӕгат Иры бакодтой ӕнӕмӕнг вакцинаци паддзахадон службӕгӕнджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Цӕгат Иры бакодтой ӕнӕмӕнг вакцинаци паддзахадон службӕгӕнджытӕн
Фӕстаг суткӕ республикӕйы ногӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц та схызт 100 онг. Низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ та дзы ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 25427 адӕймаджы. Цӕгат Ирыстоны стационарты хос кӕнынц 1093 пациенты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 тынгдӕр кӕм апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы фӕндзӕм бынат АИШ, Инди, Британи ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ. Уӕрӕсейы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 8 392 697 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0