Цхинвалгӕрон экопарчы ныссадздзысты фыццаг талатӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕгӕрон уӕвӕг экопарчы организаци "Зеленая Алания" йӕ хӕлӕрттимӕ ныссадздзысты сыбыраг кедрты фыццаг талатӕ, фехъусын кодта Sputnik организацийы разамонӕг Габайты Зӕлинӕ.
Экологон акци ацӕудзӕн хуыцаубоны.
"Сыбыраг кедртӕ райстам проект "Уӕрӕсейы кедрт"-ӕй. Уый тынг сыгъдӕг кӕны уӕлдӕф ӕмӕ у тынг пайдаджын бӕлас. Хуыцаубоны сын сӕ иу хай садздзысты "Зеленая Алания"-йы активисттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ - ӕдӕппӕт 20 адӕймаджы онг", - загъта уый.
Организацийы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны экопарчы уал нысадздзысты 300 талайы.
"Кӕд ма дзы аззайа кедрты талатӕй, уӕд сӕ фӕнд кӕнын ныссадзын Стыр парчы Цхинвалы", - бафтыдта Габайты Зӕлинӕ.
Хуссар Иры горӕтгӕрон сараздзысты экопарк
Кӕд талатӕн сӕ 70 процент сӕндидза, уӕд проект "Кедры России"-йы фӕлгӕтты хуссар Иры сифтонг кӕндзыстын талаты ног партийӕ.