ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕг Цхуырбаты Вадимы фӕрцы, уый цӕрӕн пунктӕн самал кодта трансформатор.
Хъӕуы цӕрджытӕ тыхстысты электроифтонгадимӕ ӕдзух проблемӕтӕ кӕй уыд, уымӕй. Уӕлдай иу сарӕх сты зымӕгон период рухсы хаххыл уӕзы гуырахст куы фӕтыхджындӕр ис, уӕд.
Хуссар Иры Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕджы фӕрцы
© Sputnik / Фатима Плиева
Хъӕуы хӕрзгӕнӕг йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй ифтонгад 'рхӕццӕ ис республикӕмӕ.
"Объекты тых у 250 кВт. Уый ӕлхӕд ӕрцыд йӕ ӕмбӕрзӕн ифтонгадимӕ. Хъӕуы цӕрджыты ацы фарст рагӕй тыхсын кодта, паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-мӕ дӕр бахатыдысты, фӕлӕ фӕстиаттӕ хынцгӕйӕ ӕз мӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтон фарст", - загъта Sputnik Цхуырбаты Вадим.
Падзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" бавнӕлдта ног ифтонгад ӕвӕрынмӕ бавнӕлдта.