ЦХИНВАЛ, 9 ноя - Sputnik. Сывӕллӕтты дохтыр анестезиолог-реаниматолог Юлия Поляхова ӕмӕ сывӕллӕтты хирург Глеб Новиков Донецкӕй исынц пациентты республикон бирӕпрофилон медцентры (РБМЦ) Цхинвалы.
"Дохтыртӕ исдзысты пациентты сывӕллӕтты поликлиникӕйы 1077 кабинеты кусгӕ бонты 9.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ", - фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, министрад дарддӕр хондзӕн медикты фӕсарӕнтӕй республикӕмӕ кусынмӕ ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цалдӕр специалисты ӕрцыдмӕ.