Иу суткӕмӕ Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 44 ног рынчыны COVID-19-ӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 44 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы цыппӕрӕмы сарӕзтой 263 тесты. Ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 44 иртӕсты. Иу суткӕмӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 75 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 2198 пациенты", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 7214.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 49 369 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9412 адӕймаджы.
Цхинвалмӕ ӕрхӕццӕ вакцинӕ "Спутник Лайт"