Цхинвалмӕ ӕрхӕццӕ вакцинӕ "Спутник Лайт"

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæ"Спутник Лайт"
Спутник Лайт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. "Спутник V" ӕмӕ "Спутник Лайт" вакцинӕты 2000 дозӕйы цыппӕрӕмы ӕрластой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ (РБМЦ), фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Вакцинаци рацӕуыны фадат уыдзӕн 12 ноябрӕй 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ РБМЦ поликлиникӕйы прививкӕты кабинеты", - банысан кодтой уагдоны.
Республикӕйы вакцинаци райдыдта уалдзӕджы, уӕд Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрластой дыууӕкомпонентон вакцинӕ "Спутник V"-йы 2 мин дозӕйы. Ацы бонты республикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира ӕрхаста статистикӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ республикӕйы майӕ октябрмӕ вакцинаци рацыдысты 1024 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0