ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Режиссер Кира Коваленкойы киноныв "Разжимая кулаки" ссис European Film Academy премийы лауреат, хъусын кӕны РИА Новости.
"Фильм рамбылдта сӕйраг европӕйаг кинопреми категори "Хуыздӕр монтаж"-ы - хорзӕх райста - кинонывы монтажы режиссер Къӕбулты Мухарам", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Кинолентæ "Разжимая кулаки", кæцы систа режиссер Кира Коваленко, нырмæ рамбылдта Каннаг кинофестивалы сæйрагдæр бакасттæй иу "Особый взгляд"- ы. Уым æвдыст цæуынц, ныййарæджы хъусдард зæнæгмæ æмбæлон арæнтæй куы ахизы, ахæм ахастытæ.
Сæйраг хъайтартæ - трагикъон цауты фæстæ цæгатирыстойнаг шахтерты сахар Мызуры чи æрцард, уыцы бинонтæ. Сюжеты астæумагъз – фыд æмæ йе ‘ртæ сывæллоны ‘хсæн зын æмахастытæ. Лӕгӕн ис дыууӕ фырты ӕмӕ иу чызг, кӕцыты хъомыл кӕны тызмӕгӕй. Йӕ уарзондзинадӕй фыд "хурх" кӕны йӕ чызджы, йӕхицӕй йӕ никуыдӕм уадзы. Чызджы фӕнды алидзын хӕдзарӕй, фӕлӕ фыды амынӕтӕй зын фервӕзӕн у.