"Ирӕттӕ: Кавказы нырыккон скифтӕ": канадӕйаг ахуыргонд рауагъта чиныг Ирыстоны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Канадӕйаг ахуыргонд Ричард Фольц рауагъта чиныг ирӕтты ӕмӕ сӕ историйы тыххӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта йе 'мкъай Хъиргъуаты Фатимӕ йӕ фарсыл социалон хыз Facebook-ы.
Фольц бинонты хъысмӕтмӕ сӕ хъус дардтой ӕппӕт Ирыстоны цӕрджытӕ. Уыдон сӕ цард биау кодтой фарон январы ӕмӕ фӕнд кодтой фыццаг рӕстӕджыты ацӕрын Фатимӕйы райгуырӕн горӕты - Дзӕуджыхъӕуы. Уый тыххӕй Ричард райста ӕнӕфидгӕ отпуск дӕр иу афӕдз ӕмӕ ӕндӕрмӕ. Зындгонд ахуыргонд фӕнд кодта ныффыссын чиныг ирӕттӕ ӕмӕ сӕ историйы тыххӕй англисаг ӕвзагыл.
"Ирӕттӕ: Кавказы нырыккон скифтӕ": канадӕйаг ахуыргонд рауагъта чиныг Ирыстоны тыххӕй
Фӕлӕ сын Цӕгат Иры миграцион управлени сӕ фӕндтӕ фӕкъуылымпы кодта - бинонты бахъуыд фӕстӕмӕ Канадамӕ аздӕхын.

"Джеоргуыба - ахсджиаг фӕззыгон бӕрӕгбон, ацы бонты цыт кӕнынц ирон сыгъдӕг Уастырджийӕн, нӕлгоймӕгты ӕмӕ бӕлццӕтты бардуагӕн. Уый фӕдыл стыр ӕхсызгонӕй хъусын кӕнын ме 'мкъайы чиныг "Ирӕттӕ: Кавказы нырыккон скифты" рацыды тыххӕй", - ныффыста Фатимӕ.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, монографийы лӕвӕрд цӕуы уӕрӕх ӕмӕ арф хыгъд ирӕтты тыххӕй: сӕ равзӕрд, рагон скифтӕй сӕ фольклоры ӕмӕ нырыккон социалон динамикӕйы онг.
"Кӕд исчи бацымыдис кӕна чиныг уырыссаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнынмӕ, уӕд йӕ авторӕн уыдзӕн тынг ӕхсызгон", - фехъусын кодта Хъиргъуанты Фатимӕ.
Хуссар Иры кусынц канадæйаг ахуыргонд Ричард Фольцæн æмбæстагад раттыны фарстыл
Ричард Фольц раздӕр йӕхӕдӕг куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй нымайы, Ирыстоны хъӕздыг истори ӕмӕ культурӕ кӕй сты ныгуылӕйнаг кӕсджыты стыр хъусдарды аккаг ӕмӕ йӕ бафӕндыд саразын лӕвар ацы чиныджы хъуызы ирон адӕмӕн.