Хуссар Иры РБМЦ гемодиализы хайад рауӕрӕх кодта йӕ фадӕттӕ

Гемодиализы хайадӕн ныр боны дӕргъы йӕ бон райсын уыдзӕн 30 адӕймаджы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры рауӕрӕх кодтой гемодиализы хайады фадӕттӕ, фехъусын кодтой Sputnik Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.
Республикӕйы ныридӕгӕн гемодиализы лӕггӕдтӕй пайда кӕнынц 16 адӕймаджы.
"Гемодиализы донцӕттӕгӕнӕн аппарат радтой эксплуатацимӕ. Раздӕр хайадӕн йӕ бон райсын уыд ӕрмӕст фараст адӕймаджы, уый дӕр ӕртӕ сменӕйӕ. Ныр хайады ӕххуыс кӕндзысты бон 30 адӕймагӕн", - радзырдтой пресс-службӕйы.
Уым ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, ныр гемодиализы лӕггӕдтӕй чи пайда кӕны, уыдон нал бахъӕудзӕн Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуын.
Хуссар Иры рынчындоны ӕрбалӕугӕ азӕй уадздзысты эндопротезированиейы операцитӕ