ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны ивгъуыд суткӕ коронавирусон инфекци сбӕрӕг кодтой 19 адӕймагӕн, фехъусын кодтой ӕртыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы дыццӕджы сарӕзтой 184 тесты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 19. Медицинон хыгъдӕй фӕстаг суткӕ систой 90 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 587 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 9399. Санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы ӕппӕт ацы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 53 837 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирус бахӕцыд 9986 адӕймагыл.