Хуссар Иры столицӕйы 40 амалиуӕггӕнӕджы сараздзысты ногазон армукъа

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администраци ӕрурӕдта куырдиӕттӕ исыны куыст амалиуӕггӕнджытӕй, кӕцытӕ хъавынц ногазон армукъайы базар кӕнын, фехъусын кодта Sputnik мэрияйы кусӕг Кобесты Маир.
Ӕрвылаз дӕр 15 декабрӕй суанг Ног азы къӕсӕры онг Харебаты Исахъы уынгыл чысыл базары раз сӕвзӕры ногазон армукъа. Кӕнгӕ наз бӕлӕстӕ, сӕ хъазӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонон атрибуттӕй дзаг вӕййынц хъулон цатыртӕ.
"Амалиуӕгдартӕй нал исӕм куырдиӕттӕ, сӕ нымӕц 40-ӕй кӕй ахызт, уый тыххӕй. Уыдон кӕм слӕууын кӕнӕм, уый фаг бынат дӕр дзы нӕй. Ӕрмӕст дзы ис 25-30 бынаты", - загъта Кобесты Маир.
Уый ма бафтыдта, базарадон фӕзуат фаронмӕ абаргӕйӕ ноджы кӕй фӕкъуындӕгдӕр ис.
"Республикон библиотекӕйы раз сӕвӕрдтой кофе уӕйгӕнӕн хӕдтулгӕтӕ, уыдон та бынӕттӕ ноджы фӕкъаддӕр кодтой", - балхынцъ кодта мэрияйы минӕвар.
Ӕрмӕст фӕсарӕйнаг бӕлас: Цхинвалы тобӕ сӕвӕрдтой наз калыныл