ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитет цыппӕрӕмы радта Югосетпотребнадзорӕн уӕлӕмхасӕн ифтонггарз ПЦР-лабораториты куыстӕн.
"Уаргъы, кӕцы сарӕзтой Хуссар Ирыстоны санитарон-эпидемиологион службӕйы куырдиатӕй, ис уӕлдӕфы рециркулятортӕ, штативтӕ пробиркӕтӕн ӕмӕ ӕнӕкъуылымпы электроифтонгады ӕрмӕг", - фехъусын кодта Sputnik организацийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕты фӕдыл специалист Тедеты Марина.
Амйӕразмӕ Сырх Дзуар радта Югосетпотребнадзорӕн сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзты парти, кӕцыйы аргъ уыд 1,2 милуан сомӕй фылдӕр.
Комитеты банысан кодтой, пандемийы райдайӕнӕй Сырх Дзуарӕн ис бастдзинад ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ санитарон-эпидемиологион структурӕтимӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕной коронавирусимӕ тохӕн.