Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз майданы Дзӕуджыхъӕуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз призон бынаты Цӕгат Ирыстоны турниры, уыдонӕй дыууӕйӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, радзырдта Sputnik спортсменты тренер, шахматты Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.
Ерыстӕ цыдысты Дзӕуджыхъӕуы горӕты скъолатӕй иуы 18 декабры. Организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны Шахматты федераци ӕмӕ Ногдзауты галуан.

"Уӕлахиздзаутӕ ссисты Коцты Юрий ӕмӕ Тыбылты Анна. Дыккаг призертӕ - Джыгкайты Артур ӕмӕ Мчедлидзе Алекс, ӕртыккаг бынӕттыл ацыдысты Бестауты Батрадз ӕмӕ Мӕргъиты Дауыт",- радзырдты Саулохты Георгий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй дзы ӕдӕппӕт архайдта 15 сывӕллоны , се 'рдӕг хай ӕрӕздӕхтысты майдантимӕ , ноджы ӕртӕйӕ та растой спортивон разрядтӕ - Липчанский Фёдор, Бӕззаты Константин ӕмӕ Джиоты Габриел.
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз майдан Дзӕуджыхъӕуы
Хуссар Ирыстоны кад ерысты хъахъхъӕдтой шахматты скъола "Белая Ладья"-йы ахуыргӕнинӕгтӕ. Ивгъуыд аз уыдон хайад райстой РЦИ-Аланийы турниры ӕмӕ сын уӕд дӕр уыд хорз хатдзӕгтӕ.
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз майдан Дзӕуджыхъӕуы