Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Зары фӕндаджы аразджытимӕ, кӕцы хӕсты рӕстӕджы ссис Цхинвал ӕмӕ бирӕ хъӕуты цӕрджытӕн "Царды фӕндаг".
"30 азы размӕ арӕзт ӕрцыд Зары фӕндаг, кӕцы хонынц "Царды фӕндаг". Ацы фӕндаджы руаджы бирӕ адӕм фервӕзтысты ӕмӕ республикӕ нӕ бахаудта ӕххӕст хӕлцадон блокадӕйы. Стыр бузныг уын уӕ куыст ӕмӕ хъайтардзинады тыххӕй. Уӕ куыстӕй сымах фервӕзын кодтат сӕдӕгай адӕмы, сӕххӕст кодтат цӕрджыты ӕдасдзинад, афтӕмӕй сымахмӕ нӕ уыд нӕдӕр сӕрмагонд техникӕ, нӕдӕр транспортон артерийы дырыс проект", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы президент радта паддзахадон хорзӕхтӕ аразджытӕн сӕ егъау хайбавӕрд ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй Зары фӕндаджы арӕзтады рӕстӕджы.
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты
Зары фӕндаг у IV категорийы фӕндаг, кӕцыйы дӕргъ у 32 километры. Зары фӕндаджы проект аразӕг ӕмӕ цырынгӕнӕг у Харебаты Леонид.
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты
Прораб Гӕбӕраты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаджы арӕзтадмӕ бавнӕлдтой 1989 азы 4 декабры. Архайдта дзы техникӕйы 12 иуӕджы ӕмӕ 15 адӕймаджы. Фӕндаджы арӕзтад балхынцъ ис 1991 азы 21 декабры.
Фӕндаджы арӕзтады фӕстӕ Цхинвалы райдыдтой хӕццӕ кӕнын хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, ӕфсӕддон техникӕ, гуманитарон ӕххуыс, хӕлцад, медикаменттӕ, ӕртаг ӕмӕ ӕндӕр ӕмрӕджытӕ.
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты