Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik, Козаты Диана. Транскам ӕртыккаг бон у ӕхгӕд, боныгъӕд фадат нӕ дӕтты фӕндагон кусджытӕн бавналын трассӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ, фехъусын кодтой ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.
Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у къуырисӕры, 20 декабры, 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй.
"Транскамыл фӕндагон змӕлд нырмӕ дӕр у тобӕгонд. Цӕст дзы фӕндаг не ‘взары. Фӕндагон кусджытӕн фадат нӕй бавналын трассӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ тыхджын митуарды тыххӕй", - банысан кодтой уӕлвӕткон уагдоны.
Дыццӕджы изӕры Ручъы тоннелы хуссар фарс ӕцыд зӕй, миты бын фӕцис уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты казармӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой тоннель. Хуссар ӕфсӕддон зылды информацимӕ гӕсӕ, цауы рӕстӕджы казармӕйы уыдысты фондз ӕфсӕддоны. Миты бынӕй райстой цыппар адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕ амардысты, дыууӕйы та бакодтой рынчындонмӕ. Ноджы ма иу ӕфсӕддоны та нырма дӕр агурынц.
Хуссар Иры зӕйы бын бахауӕг ӕфсӕддоны агурынмӕ ӕрбаиу сты кинологтӕ