Хуссар Иры хицауад расидт конкурс бизнесы тыххӕй уӕлбарон кредит райсынӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты расидтысты конкурс уӕлбарон кредит райсыны фӕдыл бизнес-проектты реализацийы нысанӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2022 азӕн паддзахадон бюджет
Конкурсы хайад райсыны тыххӕй документтӕ ист цӕудзысты 2022 азы 17-ӕм январӕй 7-ӕм февралы онг. Куырдиӕттӕ бадӕттын хъӕуы республикӕйы экономикон райрӕзты министрадмӕ, цы ран бизнес-проекттӕ рацӕудзысты фыццагон равзӕрст.
Хайад райсыны тыххӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документты номхыгъд ис хицауады пресс-службӕйы сайтыл.
Бизнес-план ӕмбӕлы бадӕттын дӕнцон формӕмӕ гӕсгӕ.