Хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ ӕнтыстджынӕй сархайдтой Дзӕуджыхъӕуы фыццагады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Кӕсӕбиты Майрӕм ссис уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Ирыстоны ерысты уӕлахиздзау, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Кӕсӕбиты Инал.
Ерыстӕ сты ӕрвылазон , ацы аз сӕ хайад райстой 30 спортсмены.
"Майрӕм ссис фыццагады уӕлахиздзау 81 кг кӕзы категорийы. Уый фыццаг хатт басаста ахӕм уӕз - дыууӕ дисциплинӕйы уый ӕмткӕй систа 270 кг. Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ сты фондз килограмм фылдӕр Уӕрӕсейы спорты мастеры нормативӕй", - радзырдта уый.
Ныртӕккӕ спортсмен, тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕ кӕндзӕн Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн февралы кӕрӕтты.
Уымӕй дарддӕр ма хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ рамбылдтой ерысты дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майдан.