Хуссарирыстойнаг низӕфхӕрд сабитӕ реабилитации рацӕудзысты Хъырымы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад радон хатт арвитдзӕн низджын сывӕллӕтты дыууӕкъуырион реабилитацимӕ Евпаторимӕ.
Реабилитаци цӕудзӕн Е.П. Глинкайы номыл Евпаторийы ӕфсӕддон клиникон сывӕллӕтты санаторийы. Мадзал ӕххӕст цӕуы Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан ӕмӕ уагдоны сӕргълӕууӕг Юрий Пономаренкойы хсӕн бадзырды фӕрцы.
"Сабитӕ ӕмӕ уыдонмӕ хъусдарджыты фӕхӕццӕ кӕндзысты санаторимӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ. Уыдон ӕнӕаргъӕй цӕрдзысты ӕмӕ хоскӕнынад цӕудзысты санаторийы 14 боны дӕргъы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Санаторийы фадӕттӕ амонынц райсын сабиты, кӕцытӕн ис церебралон паралич, нуӕрты системӕйы ӕмӕ ӕндӕр низтӕ.
Уӕлӕмхас информаци базоныны тыххӕй хъӕуы бафӕрсын министры ӕххуысгӕнӕг Коцты Сергейы.