ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтты журнал "Ноздзау" расидт конкурс сабидӕтты хъомылгӕнджыты хсӕн ӕмдзӕвгӕ иронау, уырыссагау ӕмӕ дыгуронау кӕсынӕй.
Конкурс цӕудзӕн Инстаграм, Фейсбук, ТикТок ӕмӕ Ютубы.
"Хъуыды кодтам, цавӕр конкурс ауадзӕм сабидӕтты хъомылгӕнджытӕн. Цы бафарсттӕ ауагътам, уым бирӕ варианттӕ уыд, фӕлӕ равзӕрстам ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсын", - ныффыстой конкурсы организатортӕ журналы фарсыл Фейсбукы.
Конкурсы уӕлахиздзауты равзардзысты жюрийы уӕнгтӕ ӕмӕ социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ.
"Ӕртӕ уӕлахиздзау равзардзысты редакцийы уӕнгтӕ, ӕртӕ та социалон хызӕгты хъӕлӕстӕм гӕсгӕ. Уӕлахиздзауӕ райсдзысты ӕхцайы премитӕ ӕмӕ дипломтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Конкурсы хатдзӕгтӕ фӕбӕрӕг уыдзысты 15 февралы.
Уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, хъӕуы бакӕсын уарзон ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ йӕ ныффыссын видеороликы хуызы. Ӕрмӕг арвитын конкурсмӕ куысты бынат ӕмӕ цӕрӕн пункты нысанимӕ.