Амондджын сабиты цӕсгӕмттӕ: хуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Хӕххон къахдзоныгъты ӕмӕ сноуборды федераци акота сидзӕр сывӕллӕтты Цӕгат Ирыстоны Цъӕйы коммӕ улӕфынмӕ.
"Амондджын сывӕллӕтты цӕсгӕмттӕ - мӕ куысты сӕйраг хорзӕх. Сидзӕр сывӕллӕттӕ Цъӕйы улӕфӕн курорты рӕсугъдзинад, сатӕг уӕлдӕф, сноуборд ӕмӕ къахдзоныгътыл цин кӕнынӕй не 'фсӕстысты", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хызы Федерацийы хистӕр Тедеты Лери.
Федерацийы хистӕр ма бузныджы ныхӕстӕ загъта паддзахады разамонӕгӕн - уый фӕрцы ӕрвылаз дӕр арӕзт цӕуынц ахӕм балцытӕ.
хуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы
"Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг базонынц бырын ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Уыдон ӕвӕрццӕг ӕнкъарӕнты тыххӕй бузныг дӕн президенты фондӕй", - бафтыдта уый.
Сидзӕр сывӕллӕтты зымӕгон улӕфӕн нывӕзт кусы республикӕйы фӕстаг цалдӕр азы.