Мӕргъиты Ирбег Халаца, Цанцах æмæ Хуссар Иры æндæр хæхты ирайнаг нæмтты тыххæй

Sputnik
Хуссар Ирыстонмӕ фæстаг æзты фӕарӕх сты туристты балцытæ. Этнограф, зонадон кусӕг Мӕргъиты Иребг куыд радзырдта, уымӕ гӕсгæ уый баст у ахæм хъуыддагимæ, æмæ конфликтон зонӕимӕ кӕй нал бӕттынц республикӕ.
Ирыстоны фенддаг къуымтӕ бирӕ ис, се ‘мрӕнхъ Халацайы хох. Ирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд ӕмӕ официалон бӕрӕггӕнӕнты ацы хох нымад цӕуы республикæйы иууыл бӕрзондӕрыл, уӕд фактмӕ гӕсгӕ та афтӕ нӕу.
"Хуссар Ирыстоны картӕмӕ куы ‘ркӕсӕм, уӕд йӕ цӕгат-ныгылӕн хайы, ома Къозы комӕй цъус уӕлдӕр ис ӕртӕ бӕрзонд хохы, уыдонӕй сӕ иу у Цанцахы хох, йӕ бӕрзӕнд у 4460 м", - загъта Мӕргъиты Ирбег.
Этнограф куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ Халацайы хох бӕрзӕндӕй ахсы цыппӕрӕм бынат. Цы нысан кӕны хохы ном - Халаца, уый тӕххӕй дӕр загъта йӕхи верси.
"Иронау нуазӕн къус, ома пиала, уый хуыйны "халаца", ноджы ма йӕ "хъалаца" дӕр хонынц. Уыцы термин арӕх ӕмбӕлы Нарты кадджыты дӕр ӕмӕ Ирон адӕмон сфӕлдыстады дӕр. "Хъалаца" у нуазӕн къус, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ. Хохӕн дӕр йӕ ӕддаг бакаст у, къус дӕлгоммӕ куы ‘рзилӕм, уый хуызӕн", - банысан кодта зонадон кусӕг.
Мӕргъиты Ирбег ма куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ Ирыстоны хӕхты нӕмттӕ сты цымыдисон, кӕцыдӕртӕ дзы ирон ӕвзагыл ӕмбӕрстгонд сты, зӕгъӕм: Бурхох, Саухох, Зилгӕ хох. Фӕлӕ дзы ис зынӕмбарӕн нӕмттимӕ, уыдон баст сты рагон ирайнаг ӕмӕ тюркаг ӕвзӕгтимӕ.