https://sputnik-ossetia.com/20220208/margity-irbeg-khalatsa-tsantsakh-mkhussar-iry-ndr-khkhty-iraynag-nmtty-tykhkhy-15446919.html
Мӕргъиты Ирбег Халаца, Цанцах æмæ Хуссар Иры æндæр хæхты ирайнаг нæмтты тыххæй
Мӕргъиты Ирбег Халаца, Цанцах æмæ Хуссар Иры æндæр хæхты ирайнаг нæмтты тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстонмӕ фæстаг æзты фӕарӕх сты туристты балцытæ. Этнограф, зонадон кусӕг Мӕргъиты Иребг куыд радзырдта, уымӕ гӕсгæ уый баст у ахæм хъуыддагимæ, æмæ... 08.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-08T17:36+0300
2022-02-08T17:36+0300
2022-02-09T11:06+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/08/15446853_0:0:3073:1728_1920x0_80_0_0_c07341833b13b5b578ae39cb8e2da65a.jpg
Мӕргъиты Ирбег: Хуссар Ирыстон фӕстаг ӕзты цымыдис ӕвзарын кӕны туристтӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕргъиты Ирбег: Хуссар Ирыстон фӕстаг ӕзты цымыдис ӕвзарын кӕны туристтӕн
Хуссар Ирыстонмӕ фæстаг æзты фӕарӕх сты туристты балцытæ. Этнограф, зонадон кусӕг Мӕргъиты Иребг куыд радзырдта, уымӕ гӕсгæ уый баст у ахæм хъуыддагимæ, æмæ конфликтон зонӕимӕ кӕй нал бӕттынц республикӕ. Ирыстоны фенддаг къуымтӕ бирӕ ис, се ‘мрӕнхъ Халацайы хох. Ирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд ӕмӕ официалон бӕрӕггӕнӕнты ацы хох нымад цӕуы республикæйы иууыл бӕрзондӕрыл, уӕд фактмӕ гӕсгӕ та афтӕ нӕу.Этнограф куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ Халацайы хох бӕрзӕндӕй ахсы цыппӕрӕм бынат. Цы нысан кӕны хохы ном - Халаца, уый тӕххӕй дӕр загъта йӕхи верси."Иронау нуазӕн къус, ома пиала, уый хуыйны "халаца", ноджы ма йӕ "хъалаца" дӕр хонынц. Уыцы термин арӕх ӕмбӕлы Нарты кадджыты дӕр ӕмӕ Ирон адӕмон сфӕлдыстады дӕр. "Хъалаца" у нуазӕн къус, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ. Хохӕн дӕр йӕ ӕддаг бакаст у, къус дӕлгоммӕ куы ‘рзилӕм, уый хуызӕн", - банысан кодта зонадон кусӕг.Мӕргъиты Ирбег ма куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ Ирыстоны хӕхты нӕмттӕ сты цымыдисон, кӕцыдӕртӕ дзы ирон ӕвзагыл ӕмбӕрстгонд сты, зӕгъӕм: Бурхох, Саухох, Зилгӕ хох. Фӕлӕ дзы ис зынӕмбарӕн нӕмттимӕ, уыдон баст сты рагон ирайнаг ӕмӕ тюркаг ӕвзӕгтимӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/08/15446853_166:0:2895:2047_1920x0_80_0_0_87201294fe4e0b455417e9e16f336607.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
Хуссар Ирыстонмӕ фæстаг æзты фӕарӕх сты туристты балцытæ. Этнограф, зонадон кусӕг Мӕргъиты Иребг куыд радзырдта, уымӕ гӕсгæ уый баст у ахæм хъуыддагимæ, æмæ конфликтон зонӕимӕ кӕй нал бӕттынц республикӕ.
Ирыстоны фенддаг къуымтӕ бирӕ ис, се ‘мрӕнхъ Халацайы хох. Ирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд ӕмӕ официалон бӕрӕггӕнӕнты ацы хох нымад цӕуы республикæйы иууыл бӕрзондӕрыл, уӕд фактмӕ гӕсгӕ та афтӕ нӕу.
"Хуссар Ирыстоны картӕмӕ куы ‘ркӕсӕм, уӕд йӕ цӕгат-ныгылӕн хайы, ома Къозы комӕй цъус уӕлдӕр ис ӕртӕ бӕрзонд хохы, уыдонӕй сӕ иу у Цанцахы хох, йӕ бӕрзӕнд у 4460 м", - загъта Мӕргъиты Ирбег.
Этнограф куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ Халацайы хох бӕрзӕндӕй ахсы цыппӕрӕм бынат. Цы нысан кӕны хохы ном - Халаца, уый тӕххӕй дӕр загъта йӕхи верси.
"Иронау нуазӕн къус, ома пиала, уый хуыйны "халаца", ноджы ма йӕ "хъалаца" дӕр хонынц. Уыцы термин арӕх ӕмбӕлы Нарты кадджыты дӕр ӕмӕ Ирон адӕмон сфӕлдыстады дӕр. "Хъалаца" у нуазӕн къус, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ. Хохӕн дӕр йӕ ӕддаг бакаст у, къус дӕлгоммӕ куы ‘рзилӕм, уый хуызӕн", - банысан кодта зонадон кусӕг.
Мӕргъиты Ирбег ма куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ Ирыстоны хӕхты нӕмттӕ сты цымыдисон, кӕцыдӕртӕ дзы ирон ӕвзагыл ӕмбӕрстгонд сты, зӕгъӕм: Бурхох, Саухох, Зилгӕ хох. Фӕлӕ дзы ис зынӕмбарӕн нӕмттимӕ, уыдон баст сты рагон ирайнаг ӕмӕ тюркаг ӕвзӕгтимӕ.